Турк

Турк (тур. Türkiye) у паддзахад Азийы, æрбынат кодта Чысыл Азийы æрдæгсакъадахыл (хонынц ма йæ Анатоли кæнæ Анатолийы æрдæгсакъадах). Турк у НАТО-йы уæнг.

Турчы Республикæ
Türkiye Cumhuriyeti
Девиз: «Yurtta Sulh, Cihanda Sulh»
«Сабырдзинад бæстæйы, сабырдзинад дунейы»
Гимн: «İstiklâl Marşı»
Официалон æвзагтуркаг
Сæйраг сахарАнкара
Стырдæр сахартæСтамбул, Анкара, Измир, Бурсæ, Адана
Хицауиуæджы хуызРеспубликæ
ПрезидентРеджеп Тайип Эрдоган
Вице-президентДжевдет Йылмаз
Территори
 • Æдæппæт783 562 км²
ÆМП (номинал)
 • Æдæппæт (2022)1,029 долл.
ВалютæТурчы лирæ
Интернет-домен.tr
Код ISOTR
ÆОК-ы кодTUR
Телефонон код+90
Сахатон тагTRT (UTC+3)
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Нырыккон Турчы паддзахад, Турчы Республикæ (тур. Türkiye Cumhuriyeti [ˈtyɾcije dʒumˈhuːɾijeti]), фæзындис 1923-æм азы райдайæны, Османты импери куы фехæлдис, уæд.

Турчы чысылдæр хай Европæйы ис, æмæ уый тыххæй ацы паддзахад Европæйы Цæдисмæ кандидатон бæстæ у (2000-æм азæй).19781979 азты Туркмæ рарвыстой хонæг ЕЦ-мæ Грекъимæ иумæ бацæуын, фæлæ уыцы бæстæйы уæды хицауад ууыл не сразы.

Туркимæ æмарæн сты: скæсæнырдыгæй — Гуырдзыстон, Сомих, Азербайджан æмæ Иран; хуссарырдыгæй — Ирак æмæ Сири; ныгуылæны — Грекъ æмæ Болгари. Турчы былгæрæттæ æхсынц цыппар денджызы дæттæ — Сау, Зæххастæуы, Эгейы æмæ Мармæры денджызтæ.

Османты импери йæ тыхы (1680 онг)
Долмабахчейы дуæрттæ

Историивын

Сæйраг уац: Турчы истори
Сæйраг уац: Анатолы истори
Сæйраг уац: Чысыл Азийы истори
Сæйраг уац: Византияйы истори
  • 1075-æм азы1077-æм азы — турк-сельджуктæ бацахстой Никей.
  • 1077-æм азы — Коньяйы (Румы, Ромейы) султанады сæвзæрдис, турк-сельджукты паддзахæдтæ, сæ сæйраг сахар Коньяйы, афтæмæй цадæггай йæ арæнтæ адард кодта æнæхъæн Чысыл Азийыл.
  • 1243-æм азы — Коньяйы султанад ссис Ираны монгойлаг ильханты дæлбар (Хулагуидты). 1307-æм азмæ ахицæнтæ ис лыстæг кънйазæдтыл. Иу дзы — Османы бейлик (зылд), лæвæрд йын уыд хæстон мыздæн, фæстæдæр ссис XIV æнусы цы Османты паддзахад сæвзæрыдис, уыйы хъапп.
  • 1284-æм азы — фыццаг испайнаг хроникæйы (исп. Estoria de Espanna), къарол Альфонсо X хъусын кæны паддзахад Турки-йы (исп. Turquia) сæйраг сахар Экбатанæйы тыххæй.[1].
  • 1318-æм азы Хулагуидтæ, аппæрстой фæстаг сельджукаг султаны æмæ ныддæрæн кодтой ацы паддзахад.
  • 1299-æм азы — Осман, Эртогрулы фырт æмæ бындар, райста султаны титул æмæ не сразы ис Коньяйы паддзахады тыхбар банымайын. Уый номмæ гæсгæ турк хуыйнын райдыдтой осмайнаг турк, кæнæ осмайнæгтæ. Сæ æлдариуæг Чысыл Азийыл фидар æмæ хæлиу кодта, Коньяйы султантæн уый бауыромын нæ бантыстис.
  • 1326-æм азы византиæгтæй тыхæй ист зæххытыл æрæвæрдæуыд бындур Турчы султанадæн, сæйраг сахар Бурсæимæ. Туркаг султанты хицауады æнцой систы янычартæ.
  • 1362-æм азы туркæгтæ Европæйы зæххытæ бацахсгæйæ, ахастой сæ сæйраг сахар Адрианополимæ (Эдирнемæ). Турчы европæйаг зæххытæ райдыдтой хонын Румели.
  • 1396-æм азы 25 сентябры — Никополы тох султан Баязид Æрттывдау тагъды æмæ дзуархæсджыты, сæ сæргълæууæг Венгрийы къарол Сигизмунд I, æфсæдты ’хсæн фидар Никополы бын Болгарийы. Тохы уæлахиз сфидар кодта Османты империйы æлдариуæг Балканы æрдæгсакъадахыл.
  • 1402-æм азы 28 июлы — тох Анкарайы цур. эмир Тимурæн фæхæрд уæвгæйæ, Баязид I Æрттывдау тагъд бахаудис уацары æмæ фæмард ис. Фæлæ 30 азы фæстæ Баязиды бындарты къухы бафтыдис ногæй хæлддзаг бæстæ баиу кæнын æмæ ногæй бырсын ныгуылæнырдæм.
  • 1453-æм азы турк бацахстой Константинополь (кæс Константинополы басаст) æмæ йæ скодтой сæйраг сахар ног империйы.
  • Тызмæг Селимы рæстæг Османты импери бацахста Сири, Арави æмæ Мысыр. Турчы султан раппæрста Каиры фæстаг халифы æмæ йæхæдæх сси халиф.
  • 1526-æм азы уыдис Мохачы тох, туркæгтæ ныддæрæн кодтой чехаг-венгриаг æфсад æмæ бацахстой Венгри æмæ 1529-æм азы бахæццæ сты Венæйы систæм. Йæ тæккæ тохы куы бацыдис уыцы рæстæг, султан «Диссаджы» Сулейманы рæстæг (15201555), импери йæхи айтыгъта Венæйы дуæрттæй Персы бакæлæнмæ, Хъырымæй Мароккомæ.
  • 1678-æм азы турк бацахстой Украинæйы территоритæ Днепры ныгуылæнырдыгæй.
  • 1683-æм азы 12 сентябры — Венæйы тох. Æрцыдис Османты импери дыууæ мæйы куы бырста Венæмæ, Австрийы сæйраг сахармæ. Габсбургтæм æххуысмæ цы Уæлфæдзæхст лигæ куы фæуæлахиз ис, уæд уыцы цау баурæдта Османты империйы тыхæйист хæстытæ Европæйы.
  • Уырыссаг-туркаг хæстыты дуг, ахаста 242 азы, 16761918 æзты — дæс хæстон конфликты Уæрæсейы æмæ Османты империты астæу, XVIIXIX æнусты. Фæскавказы хæстон архайд Фыццаг дунеон хæсты рæстæг ис нымайын иуæндæсæн уырыссаг-туркаг хæстыл. Уырыссаг-туркаг хæстытæ (1299—1923) систы Османты империйы цауддзинады æмæ æрхауды сæйрагдæр аххосæгтæй иу.
  • XIX æнусы империйы кæрæтты тыхджын кæнын райдыдтой сепаратистон цæстæнгастæ. Сабыргай йæ территоритæ кодтой чысылдæр. Лæмæгъ кæнгæйæ, Османы импери бафæлвæрдта Германы æххуысыл æрынцайын, фæлæ йæ уый афтиддæр баласта Фыццаг дунеон хæстмæ, уый та фæцис Цыппары цæдисы уæззау дæрæнæй.
  • 1914-æм азы 30 октябры — Османты импери официалонæй фехъусын кодта Фыццаг дунеон хæстмæ бацыды тыххæй. Иу бон раздæр та йæм фактæй бацыдис — Уæрæсейы сауденджызон порттæ æхсты бын фæкæнгæйæ.
  • 1915-æм азы 24 апрелы — Константинополы (Стамбулы) ахст æрцыдис сомихаг интеллектуалон, динон, экономикон æмæ политикон элитæйы бирæнымæц минæвæрттæ; æппæтнымад бон[2] Сомихæгты геноциды райдайæн Османты империйы.
  • 1918-æм азы 30 октябры — æххæстгонд уыд Мудроссы рæстæгмæйы фидыд, йæ фæстæ уыд фыст Севры фидыд (1920-æм азы 10 августы), уый йæ тыхы нæ бацыдис уымæн æмæ йæ иууыл къухæрæвæрæг фæрстæ ратификаци не скодтой (ратификаци скодта афтиддæр Грекъ). уыцы бадзырдмæ гæсгæ Османты импери хъуамæ уыдаид уæнгтæ конд, æмæ Чысыл Азийы егъаудæр сахартæй иу (Смирнæ) æвæрд хъуамæ æрцыдаид Грекъæн. Гречъы æфсад æй бацахстой 1919-æм азы 15 майы, уый фæстæ райдыдта Турчы хæдбардзинадыл хæст. Туркаг националисттæ Мустафа Кемаль сæ сæргъы афтæмæй, нæ банымадтой æнцадзинады фидыд æмæ гæрзифтонг тыхтæй асырдтой бердзенæгты бæстæйæ. 1922-æм азы 18 сентябрмæ Турк тыхæйбайсджытæй сæрибаргонд æрцыдис. Лозаннæйы фидыдæй (24 июлы) Турчы ног арæнтæ æрцыдысты нымад.
1935-æм азы æвзæрст парламенты депутатты ’хсæн уыдис 18 сылгоймаджы

Политикон арæзтивын

Сæйраг уац: Турчы политикон арæзтад
Турчы стыр националон æмбырд

Закъондæттæг хицауиуæг ис иупалатон парламентмæ — Турчы стыр националон æмбырдмæ, арæзт у 550 æвзæрст лæгæй, равзарынц сæ 4 азмæ (2007 онг 5 азмæ) æппæтиумæйаг комкоммæйы хъæлæслæвæрдæй, пропорционалон минæвардæттыны систæмæмæ гæсгæ. Партиты минималон къæсæр у 10 %. Æххæстгæнæг хицауиуæг ис хицауады къухы, йæ сæргъы премьер-министр, фæлæ президентмæ дæр хауынц иуæй-иу æххæстбартæ (уырыс. полномочия). Æххæстгæнæг æмæ закъондæттæг хицауадмæ конституцион цæстдард кæны Турчы Конституцион Тæрхондон, арæзт у 11 иугæндзон æмæ 4 ивгæ уæнгæй, нысангонд вæййынц президентæй æмæ ныллæгдæр тæрхондоны уагдоны къордтæй вазыгджын æмæ арæх суйтæгонд баныхæсты, хъæлæслæвæрдты æмæ уынаффæты фæстæ. Конституцион Тæрхондоны сæрдар (2007 азы октябырæй) у Хашим Килич.[3][4]

2007-æм азы 21 октябры Турчы уыдис референдум архайгæ конституцимæ ивддзинæдтæ бахæссыны фæдыл. Ивддзинæдтæ аивтой президенты равзæрсты æмæ æххæстбарты æмгъуыды фæтк, æмæ парламенты ма æххæстбарты æмгъуыд. 1982-æм азы конституцимæ гæсгæ паддзахады сæргълæууæджы — президенты æвзары парламент. Президент æвзæрст цыдис 7 азмæ æмæ йын ногæй равзарыны бар нæ уыдис. Ивддзинæдтæм гæсгæ паддзахады сæргълæууæг æвзæрст цæудзæнис æппæтадæмон хъæлæслæвæрдæй 5 азмæ, иу хатт ма уый фæстæ йын ис фадат æвзæрстыты архайын. Æвзæрстытæ парламентмæ цæудзысты иу хатт 4 азы.

Ныр хицауиуæг кæны исламистон Рæстзинад æмæ рæзты парти.

Географион бæрæггæнæнтæивын

Сæйраг уац: Турчы географи
Босфоры хид Стамбулы, иу кæны Европæ (галиуырдыгæй) æмæ Ази (рахизырдыгæй)

Турк æвæрд у ныгуылæйнаг æрдæгтымбылæджы. Йæ фæзуат (миддонуæттимæ) ахсы 779 452 кв. км. Турчы территорийы иу хай — 97 % — ис Азийы, 3 % — та Европæйы. Турчы географион хицæндзинад — рагæй дæр Европæ æмæ Ази, сауденджызон бæстæтæ зæххастæуонтимæ чи бæтты, уыцы ахсджиаг фæндæгты алвæндагыл равæрд. Туркыл цæуынц соса æмæ æфсæнвæндаджы магистралтæ, бæттынц Европæ Азийы бæстæтæй бирæимæ.

Турчы арæнты максималон айтыгъд ныгуылæнæй скæсæнмæ — 1600 км, цæгатæй хуссармæ 600 км. Æппæты бæрзонддæр цъупп — Арараты хох (тур. Ağrı, 5 165 м). Стырдæр цад у содæджын Ваны цад, йæ фæзуат у 3 574 км².

Бæстæ æртæрдыгæй æхсад цæуы денджызтæй, цæгаты — Сау денджызæй, ныгуылæны — Эгейы денджызæй, хуссары Зæххастæуы денджызæй, Турчы европæйаг æмæ азиаг хæйттæ кæрæдзийæ хицæнгонд сты доны систæмæйæ, уыцы систæмæ аразы денджызон ахизæн Сау денджызæй Эгейагмæ æмæ йæ хæйттæ сты Мармæр денджыз, донкъубæлттæ Босфор æмæ Дарданеллæтæ. Босфоры æмæ донбакæлæн Сызгъæрин сыкъайы хуссайраг хайы æрбынат кодта дунейы тæккæ рæссугъддæр сахартæй иу æмæ Турчы тæккæ стырдæр сахар — Стамбул (раздæры Константинополь).

Пайдайаг къахинæгтæивын

Турчы территорийыл ис пайдайаг къахинæгты 100 хуызæй фылдæр. Бæстæйы ис згъæрдуры бирæ хуызтæ, хæххон-химион æмæ артаг-энергион хомæгты равзæрæнтæ. Фыццаджы дæр хъæуы ской кæнын хромы, вольфрамы, æрхуыйы æрзæтты, боратты, мармæры, æвзалыйы тыххæй. Туркмæ хауынц дунейы æвæрды 25 % джынасуйы.

Бæстыхъæдивын

Сæйраг уац: Турчы бæстыхъæд

Турк фылдæр хæххон бæстæ у. Уымæ гæсгæ йæ бæстыхъæд хæссы æхсæнæй хæххон уавæр æмæ Континенталон бæстыхъæды æууæлтæ. Сæрд Турчы кæмдæриддæр вæййы тæвд æмæ хус. Зымæг митджын æмæ уазал. Эгейы æмæ Зæххастæуы денджызты Зæххастæуон бæстыхъæд фæлмæндæр зымæгимæ, æнæцудгæ митæй æмбæрзт нæ вæййы.Эгейы денджызы климæт у ромыл-денджызон, характерон хъарм сæрдимæ æмæ уазал зымæгимæ. Температурæ зымæджы (январы) вæййы +5 °C æввахс, сæрды (июлы) +22 °C æввахс. Дæлдзырæттæ (уырыс. осадки) æруарынц азмæ 1000-2500 мм.

Экономикæивын

Сæйраг уац: Турчы экономикæ

Уæлидзинæдтæ: 1990-æм æзты цырд рæзт экономикæйы либерализацийы фæстæ. Хъæууон хæдзарад зæгъæн ис æмæ æххæстæй бæстæ хойрагæй ифтонг кæны. Конкурентоспособон сты текстилон, фæлгосæн (уырыс. перерабатывающая) æмæ арæзтадон хайæдтæ. Хорз ахъаз дæтты туризм. Дзæбæх райтынг кæны приватон экономикæ. Ис таможнæйы цæдис ЕЦ-имæ.

Лæмæгъ бынæттæ: уæллоз инфляци (2004 азы 54,4 %). Тæссонд æхсæнадон финансон сектор. Паддзахадон бæрократи. Æнæмсæр приватизаци. Лæмæгъ банчыты сектор. Ахадгæ организацигонд æвзæрдзинад. Зынаргъ хæстон операцитæ курдаг сепаратистты ныхмæ.

Левент — финансон район Стамбулы

Турчы экономикæ 1980-ты реформæгонд æрцыдис æмæ ныры рæстæджы æвдыст цæуы приватон секторы дзæвгар архайдæй æмæ базарадон ахæстыты уæлиуæгдзинадæй. Т. Эродганы хицауад дарддæр кæны экономикæйы либерализаци, приватизацигонд цæуынц паддзахадон концернтæ æмæ мидбазарад гомгонд цæуы фæсарæйнаг инвестортæн.

Индустрийы хай бæстæйы экономикæйы у 28 % æввахс, хæууон хæдзарады — 15 %, арæзтады — 6 %, лæггæдты — 51 %. Индустриалон кондады иумæйаг бæрцуаты иуылстырдæр бынат ахсы фæлгосæн индустри (84 %, арæзтадимæ). Тынг кæнынц текстилон, цæрмгæнæн, хойрагон, химион, фармацæвтикон хайæдтæ, энергетикæ, метталурги, науаразæн, хæдтулæгаразæн æмæ электроцардон гæрзджыты товарты арæзтад. Ныры рæстæджы Скæсæйнаг Азийы бæстæты рдыгæй стыр конкуренцийы тыххæй Турчы текстилон хайад зын рæстæг æвзары. Тынг парахатгонд цæуы туризм.

Цæрджытæивын

Сæйраг уац: Турчы цæрджытæ

Бæстæйы цæрджыты фылдæр хай сты туркæгтæ. Хъæуы ацы фарстайы фæбæрæг кæнын, Турчы Республикæйы сæвзæрды размæ, 1923-æм азы размæ хином уыдис османтæ. Мустафа Кемаль разæрæвæрдта ном «турк», республикæйы ном та «Туркаг» уымæн æмæ уыцы ном тюркагæвзагон адæмыхæттыты æнгомдзинадæн фæпайда уыдаид. Турчы Республикæйы равзæрды рæстæджы йæ адæмы нымæц бæрæггонд уыдис куыд 12532 мин адæймаджы. Æппæтæй бæстæйы арæзт уыдис адæмы 12 сфысты. 1927-æм азæй Турчы цæрджыты нымæц фæфылдæр ис 4,4 хатты, уыимæ афтиддæр 1950-æм азæй 1985-æм азмæ — 2,5 хатты. Цæрджыты тагъд рæзт (2005-æм азы фæуæлдæр сты 70 милуанæй) у бæстæйы ахсджиаг проблемæ.

Цæрджыты райуæрст Турчы территорийыл у тынг æнæмбæрц. Бæстæйы тæккæ адæмарæхдæр регионтæ сты Мармæр æмæ Сау денджызты былгæрæттæ, æмæ, Эгейы денджызмæ цы районтæ æввахс сты, уыдон дæр. Тæккæ фылдæрнымæцджын сахар цæрджытæм гæсгæ у Стамбул, тæккæ æдзæрæгдæр район — Хаккяри.

Зилахаргæнæг дервиштæ

Бæстæйы никуы цыдис адæмы сфыст национ скондмæ гæсгæ, уый йеддæмæ ма фылдæр цæрджытæ, сæ равзæрдмæ нæкæсгæйæ, фыццаджыдæр нымайынц сæхи туркæгтыл, уый фæстæ та æрхъуыды кæнынц сæ равзæрд. Афтæ курдæгты фылдæр хай сæхи схонынц «догулу» — адæймаг бæстæйы скæсæнæй, фæлæ сæ мадæлон æвзаг та схонынц курдаг. Этносты нымæц, æввахсæй дæр тынг зын нымайын у. Бæрæггæнæнтæ сты тынг алыхуызон, фæлæ, æвæццæгæн, ис зæгъæн æмæ курдæгтæ бæстæйы сты 20 милуаны бæрц æмæ цæрынц йæ территорийы алы рæтты, æрмæст скæсæны, куыд раздæр, афтæ нæ.

Стыр у Турчы Цæгат Кавказæй рацæуджыты нымæц, хонынц сæ иумæйаг номæй «черкестæ». Сæ æрдæгæй фылдæр сты адыгъе, ноджы ма ис ирæттæ, абхазæгтæ, цæцæн, хъæрæсейæгтæ, абазæгтæ. Сæ иумæйаг нымæц алыхуызон бæрæггæнæнтæм гæсгæ æнкъуысы 3-4 милуан адæймаджы астæу.

Бæстæйы хуссар-ныгуылæны æнгомцард кæнынц 500 мин араббæгтæ. Егъау сахарты, уæлдайдæр Стамбулы, цæры бирæ сомихæгтæ (40 мины) æмæ ассириæгтæ. Лазтæ æмæ хемшилтæ (пысылмон дин райсæг сомихæгтæ) 0,5 милуаны, цæрынц сæйрагдæр Сау денджызы скæсæйнаг донбылтыл, ныры рæстæгмæ систы туркæгты этнографион дæлкъордтæ. Семæ ма ахæм дæлкъордтæ сты цæугæ цардгæнæг йорюктæ æмæ тахтаджтæ. Турчы дзуттæгтæ, кæдон бæстæйы адæмæй сты 0,1 % бæрц, сæхи нымайынц иудаизмыл хæст туркæгтыл. бердзенæгтæ, албайнæгтæ, гуырдзы, азербайджайнæгтæ æмæ бирæ æндæр адæмыхæттыты минæвæрттæ цæрынц æнæхъæн бæстæйы, сæйрагдæр та егъау сахарты Стамбулы, Измиры, Анкарайы.

Уый йеддæмæ ма бирæ туркаг адæм ралыгъдысты Туркмæ Болгарийæ, кæддæры Югославийæ, Румынийæ æмæ раздæры Советон Цæдисæй, æмæ æрцардысты сæйрагдæр Антальяйы æмæ Измиры курортон тæгты, къаннæгдæр хай та — Бурсæйы æмæ Стамбулы.

Динмæ гæсгæ туркæгтæ сты пысылмæттæ (фылдæр хай сунниттæ, гыццылдæр шииттæ, Турчы сæ хонынц «алевиттæ»).

Паддзахадон æвзаг — туркаг.

Турчы ирæттæивын

Сæйраг уац: Турчы ирæттæ

Турчы Республикæйы цæрынц цалдæр мин ироны.

Динивын

Сæйраг уац: Дин Турчы
Айя-София, рухсгонд талынджы

Турчы дин закъонмæ гæсгæ хицæнгонд у паддзахадæй æмæ уырныны сæрибардзинад æвджидгонд у бæстæйы алы цæрæгæн дæр. Паддзахады цæрджыты фылдæр хай пысылмон диныл хæст сты. Кусынц бирæнымæцон мæзджыттæ — 70000. Уый йеддæмæ регистрацигонд æрцыдысты 321 алыхуызон здæхтыты чырыстон æхсæнады, 36 иудейаг синагогæйы.[5]

Растуырнæг динмæ дæр, иннæ динты хуызæн, ис æмсæрон статус. Турчы æрбынат кодта динон æмæ административон центр фыццаджы намысмæ гæсгæ бынæттон растуырнæг еклези — Константинополы партиархады, йæ хистæры — Константинополы патриархы резиденци ис Стамбулы. Патриархады дæлбар сты Турчы растуырнæг приходтæй бирæтæ, æмæ кæцыдæртæ æмарæн бæстæты.

Культурæивын

Сæйраг уац: Турчы культурæ

Æддаг политикæивын

Турк æмæ Евроцæдисивын

Ныры рæстæджы Турк кæны баныхæстæ Европæйы Цæдисмæ, цæмæй ацы политикон-экономикон сырæзтмæ бахиза.

1963-æм азы Турк бафыста ЕЦ-йы развæдгæнæг Европæйы экономикон æмбæладимæ бадзырд, кæцымæ гæсгæ Туркæн ныхас лæвæрд цыдис ацы цæдисмæ бацæуыны тыххæй.

19781979 Турчы æрбахуыдтой бацæуын ЕЭЦ-мæ Грекъимæ, фæлæ не сразы.

1980-æм азы хæстон фæфæлдæхты фæстæ Европæ йæ æмахæстытæ Анкараимæ фæцыбырдæр кодта, баныхæстæ ногæй райдыдтой афтиддæр 1983-æм азы фæстæ. 1987-æм азы Европæ не сразы Турчы нымайын ЕЦ-мæ кандидатæй, ахæм бар фæстæмæ райста афтиддæр 2000-æм азы, домæнтимæ, цæмæй адæймаджы барты хъахъхæды закъондæттынад реформæгонд æрцæуа.

2002-æм азы августы реформæты программæ сфидар кодта Турчы парламент æмæ 2004-æм азы Еврокъамис рекомендаци ратта цæмæй Турчы бахызты фæдыл ЕЦ-мæ райдайой бадзырдтæ.

Турк æмæ Европæйы æмахæстытæ зынвадат кæны Турчы æнæфæндон банымайын Кипры Республикæ, уый 2004-æм азы майы бахызтис ЕЦ-мæ. 1974-æм азы Турк сакъадахы цæгатаг хай бацахста, уæдæй Турчы хицауад нæ нымайы хуссайраг — грекъаг хайы хицауады.

Иннæ ’рдыгæй Турк ЕЦ-йы мидбазарад фæуæрæхдæр кæндзæнис, æмæ ратдзæнис квалификацигонд кусæн тыхтæ европæйаг компанитæн, кæдон тыхсынц цæрджыты тагъд зæрондæй. 2014-æм азмæ иртæстытæм гæсгæ Турчы цыппæрæм хай уыдзæнис 14 азæй кæстæр.

Парад Стамбулы

Турк æмæ Уæрæсеивын

Сæйраг уац: Уырыссаг-туркаг æмахæстытæ

Уырыссаг-туркаг æмахæстытæ фидаргонд æрцыдысты 1701-æм азы, уæд Константинополы байгом ис Уæрæсейы Империйы минæварад. Фæлæ дывæрсыг æмпаддзахадон бастдзинæдтыл цæуы фондз æнусæй фылдæр — историктæ нымæц райдайынц 1492-æм азы 30 августы æрвыст минæвардзырдæй денджызон базарады фарстатыл кнъийаз Иван III османты султан Баязет II-мæ.

Гæрзифтонг тыхтæивын

Сæйраг уац: Турчы гæрзифтонг тыхтæ

Турчы гæрзифтонг тыхтæ (тур. Türk Silahlı Kuvvetleri) — Турчы Республикæйы æфсæдты æмдзыгуыр, нысангонд сты сæрибардзинад, хæдбардзинад æмæ территориалон æнгомдзинады хъахъхъæнынмæ.

Галерейивын

Фиппаинæгтæивын

  1. Primera Cronica General. Estoria de España. Tomo I. - Madrid, Bailly-Bailliere e hijos, 1906, стр. 60
  2. 24 апреля
  3. Constitutional Court president has 'clear conscience' over DTP ban(англ.)
  4. Турчы Конституцион Тæрхондоны сæрдары сæрмагонд фарс Архивгонд æрцыдис 28 декабры 2007 азы.(турк.)
  5. Чырыстон æхсæнæдтæ æргæвынц растуырнæг грекъæгты Константинополы патриархады 90 приходы (75 — Стамбулы, 8 — сакъадах Гёкчеадæйы, 6 — Хатайы илы, 1 — сакъадах Бозджаадæйы), 55 сомихаг-григорион æхсæнады (45 — Стамбулы, 7 — сахар Хатайы æмæ иугæйттæ — сахарты Мардин, Диярбакыр, Кайсери), 60 æхсæнады ассириаг-несторианты, растуырнæг болгайрæгты, араббæгты æмæ католикон сомихæгты, 52 æхсæнады алыхуызон протестантон здæхтытимæ. Уый йеддæмæ ма бæстæйы скæсæны курдæгты иу хай зæрдæргом кæнынц сикретикон дин æмæ сæ хонынц езидтæ.

Литературæивын

  • Еремеев Д. Е., Мейер М. С. История Турции в средние века и новое время. — М.: Изд-во МГУ, 1992.

Кæс ноджыивын

Æрвитæнтæивын

🔥 Top keywords: Сæйраг фарсЧехиКатегори:Википеди:Викирардтæй йæ ратæдзæнтæ чи исы, ахæм уацтæИндонезиМодуль:ArgumentsÆххуыс:МидисСæрмагонд:ФæстагИвдтытæВикипеди:АфыстСæрмагонд:АгурынУæрæсейы Федерацийы социалон картæia8vpВикипеди:НыхасВикипеди:Ног хабæрттæУчастник:WikitanvirХæфсВикипедиБургундиВикипеди:БæрнВикипеди:МинæварадБали (провинци)Гуырдзиаг æвзагЦæгат ИрыстонАмерикæйы Иугонд ШтаттæМесси, ЛионельАвстралиКатегори:ÆппæтВикипеди:ИндексВикипеди:Хъазуатон куыстVk.comСискХетæгкаты КъостаЯвæйаг æвзагРагон МысырРубин (ФК)Википеди:Авторон барКатегори:Америкæйы Иугонд ШтаттæКатегори:Страницы с ошибками скриптовВикиКъæбицИрон æвзагТуркУæрæсеВикипеди:АдминтæГватемалæЧакобса2023-æм азБразилиСпрингфилд (Иллинойс)Участник:JamesofurТæтæйраг адæмGoogle ChromeХуызæг:Викимеди, ома æфсымæрон проекттæКепулауан-РиауЭуст-АгдерЗонадКитайКушадасыÆрвхуызПотиИюнь2001-æм азКатегори:Википеди:Хуыздæр статьятæХъуынджын дугъысыфМейнЕрхотИрыстонЛионы метрополиСевильяВикипеди:АгуырдАйдын (ил)ДзæлвВикипеди:ÆххуысХуссар Китайы денджызПысылмон дин1577-æм азДенджызInternet ExplorerКатегори:Манагуæйы чи амардис, уыдонЭнциклопеди1896-æм азМæздæгЦхинвалКатегори:СоциологиӨзбек тылАнглисаг æвзагХъелы цадСандино, Аугусто СесарФайл:Владимир Путин (24-08-2021) (cropped).jpg1272-æм азНовогрудокНайробиПьемонтТутаСириИврит1869-æм аз1499-æм азДыккаг дунеон хæстÆрыдон (сахар)Тамилаг æвзаг