Ирæд

Ирæд (дыгур. æруæд) у къайады ныхмæ исбон дæттыны æгъдау. Ирæд Ирыстоны уыдис Цæгат Кавказы æппæты стырдæртæй, XIX æнусы ирæд фыстой стыр æмæ лыстæг сыкъаджын фосæй. Сæ нымæц-иу хæццæ кодта дæсгæйттæм æмæ суанг фондзыссæдзгæйттæм дæр, ноджы лæвæрдтой зынаргъ дзаумæттæ, хъуамæ се ’хсæн æнæмæнг уыдаид зынаргъ хæцæнгæрзтæ, егъау æрхуы æгтæ. Ирæды æхца æрæмбырд кæнынæн бирæ азтæ хъуыдис, уый аххосæй нæлгоймæгтæ ус æрæгмæ куырдтой, лæг-иу йæ усæй бирæ хистæр уыдис, стæй чызджыты скъæфгæ дæр уый тыххæй кодтой. Скъæфын та-иу арæх туг расайдта.

Ирæды ныхмæ тох Ирыстон æмæ Кавказыивын

1866-æм азы Дзæуджыхъæуы æрæмбырд сты ирон æхсæнады минæвæрттæ æмæ сфидар кодтой ирæды нормæ: ирæд 200 сомæй фылдæр хъуама ма уа, зæгъгæ. 1879-æм азы мæхъхъæлон адæмы æвзæрст лæгтæ сфидар кодтой ирæды максимум: 105 сомы, стæй бауынаффæ кодтой чындзы мыггагæй ивар исын, кæд уыцы мыггаг æгæр зынаргъ лæвæрттæ усгурæй исы, уæд[1].

Нырыккон иртасæг Дзуццаты Хасан хъуыдымæ гæсгæ, уыцы æрæнæвæрдтæ уавæр нæ хуыздæр кодтой[2].

Ирæд исыны ныхмæ газет «Ног цард»-ы тохивын

Ирон адæмæн стыр трагеди уыди ирæд исыны æгъдау. Газет «Ног цард» карз тох расидт йæ ныхмæ. Ирæд исыны фæдыл газеты цы уацтæ æрцыди мыхуыр, уыдонæй ахадгæдæр уыди Кочысаты Розæйы публицистикон æрмæг «Ирон чызджытæм», кæцы мыхуыргонд æрцыд «Ног цард»-ы 13-æм номыры.

Чызгмæ йæ ныййарджытæ кæсынц, исты пайда сæм кæмæй æрбацæуа, ахæм дзаума цыма у, уый цæстæй. Чызджы нæ бафæрсгæйае, равзарынц, фылдæр мулк кæмæй æрбассивой, ахæм усгур. Афтæмæй чындзы ацæугæйæ, сылгоймаг бахауы ахаем уавæры æмæ йæм бинонтæй алчидæр йæ ныфс бахæссы зæгъынмæ: „Стыр ирæд дыл бафыстам æмæ æнæрынцойæ кус“

æмæ дарддæр:

Адæм сæрибардзинады тыххæй сæ туг куы калынц æмæ мæлынц талынг ахæстæтты, уæд нæ алчидæр йæ фыдмæ афтæ бадзурын нæ уæнды: „Уæ, мæ фыд, æз дæ хъæбул дæн, æмæ мæ цагъæйраджы уæй ма кæн“. Хъуамæ нæ алчидæр йе ’гады тыххæй йæ ныййарджытæм бауæнда уыцы ныхæстæ, æмæ ныууадзын кæнæм ирæды æгъдау.

Розæйы фæстæ газеты мыхуыргонд æрцыди Тменаты Елбыздыхъойы уац «Ирæды тыххæй». Автор лæмбынæгæй æргом кæны ирæды экономикон æфсæнттæ æмæ къласон характер, ацы темæйы фæдыл.

Нырыккон чындзæхсæвы æгъдауивын

Ныр Ирыстоны ирæд нал исынц. Лæппуйы бинонтæ сцæттæ кæнынц фидауæггаг æхца — фидауæггаг цы æхца сæвæрынц, уый у мысайнаг, дыууæ мыггаджы кæй бафидыдтой, кæй бахæстæг кодтой, уый тыххæй[3].


Фиппаинæгтæивын

  1. Малинин, «О свадебных платежах у кавказских горцев» («Этнографич. обозр.», 1890 г., № 3).
  2. Дзуцев Х. В. Монография «Эволюция осетинской семьи и межсемейных отношений». Глава 1(недоступная ссылка). Датæ: 2008-æм азы 22 ноябры. Архив 2015-æм азы 1 январы.
  3. Чындзæхсæвы æмæ зианы æгъдæуттæ. Дзæуджыхъæу, 1995
🔥 Top keywords: Сæйраг фарсЧехиКатегори:Википеди:Викирардтæй йæ ратæдзæнтæ чи исы, ахæм уацтæИндонезиМодуль:ArgumentsÆххуыс:МидисСæрмагонд:ФæстагИвдтытæВикипеди:АфыстСæрмагонд:АгурынУæрæсейы Федерацийы социалон картæia8vpВикипеди:НыхасВикипеди:Ног хабæрттæУчастник:WikitanvirХæфсВикипедиБургундиВикипеди:БæрнВикипеди:МинæварадБали (провинци)Гуырдзиаг æвзагЦæгат ИрыстонАмерикæйы Иугонд ШтаттæМесси, ЛионельАвстралиКатегори:ÆппæтВикипеди:ИндексВикипеди:Хъазуатон куыстVk.comСискХетæгкаты КъостаЯвæйаг æвзагРагон МысырРубин (ФК)Википеди:Авторон барКатегори:Америкæйы Иугонд ШтаттæКатегори:Страницы с ошибками скриптовВикиКъæбицИрон æвзагТуркУæрæсеВикипеди:АдминтæГватемалæЧакобса2023-æм азБразилиСпрингфилд (Иллинойс)Участник:JamesofurТæтæйраг адæмGoogle ChromeХуызæг:Викимеди, ома æфсымæрон проекттæКепулауан-РиауЭуст-АгдерЗонадКитайКушадасыÆрвхуызПотиИюнь2001-æм азКатегори:Википеди:Хуыздæр статьятæХъуынджын дугъысыфМейнЕрхотИрыстонЛионы метрополиСевильяВикипеди:АгуырдАйдын (ил)ДзæлвВикипеди:ÆххуысХуссар Китайы денджызПысылмон дин1577-æм азДенджызInternet ExplorerКатегори:Манагуæйы чи амардис, уыдонЭнциклопеди1896-æм азМæздæгЦхинвалКатегори:СоциологиӨзбек тылАнглисаг æвзагХъелы цадСандино, Аугусто СесарФайл:Владимир Путин (24-08-2021) (cropped).jpg1272-æм азНовогрудокНайробиПьемонтТутаСириИврит1869-æм аз1499-æм азДыккаг дунеон хæстÆрыдон (сахар)Тамилаг æвзаг