Джыккайты Шамил

Джыккайты Федыры фырт Шамил (19402011) уыд ирон фыссæг, поэт, ирон литературæ иртасæг, профессор æмæ æхсæнадон архайæг. Куыста ЦИПУ-йы.

Джыккайты Шамил
Райгуырды датæ1940-æм азы 25 февралы(1940-02-25)
Райгуырæны бынатДзомагъ, Хуссар Ирыстон
Мæлæты бон2011-æм азы 26 майы(2011-05-26) (71 азы)
Мæлæты бынат
Æмбæстонад (дæлхицауад)
Архайды хуызпоэт
Уацмысты æвзагирон
Хорзæхтæ

Цардафыстивын

Джыккайты Шамил райгуырдис Хуссар Ирыстоны Дзомагъы хъæуы 1940-æм азы. 1952-æм азы йæ бинонтæ ралыгъдысты Цæгат Ирыстонмæ æмæ æрцардысты Камбилеевкæйы хъæуы. Шамил каст фæци астæуккаг скъола, Цæгат Ирыстоны паддзахадон педагогон институты филологон факультет æмæ ЦИНИИ-ы аспирантурæ. Куыста телевизион студийы. Фæстæдæр та уыдис Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты ирон филологийы факультеты декан.

Поэты æмдзæвгæты фыццаг чиныг «Æфсарм» рацыди 1964-æм азы. Уый фæстæ ма рауагъта фондз поэтикон æмбырдгонды. Сæ сæйрагдæртæ сты «Æхсæвы æртытæ» (Ордж., 1990) æмæ «Саст дзæнгæрæг» (Дз., 2000). Шекспирау ныффыста йæхи 100 сонеты дæр[1].

Шамил канд поэт нæу, фæлæ драматург, прозаик, литературæиртасæг æмæ тæлмацгæнæг дæр. Йæ пьесæтæ «Хъодыгонд зæд» æмæ «Цомахъ» æвæрд æрцыдысты Ирон театры сценæйы. Джыккайы-фырт бирæ бакуыста ирон фысджытæй иукъорды сфæлдыстадон бынтæ бабиноныг кæныныл æмæ джиппы рауадзыныл, ныффыста Коцойты Арсены, Брытъиаты Елбыздыхъойы, Гæдиаты Цомахъы, Барахъты Гинойы, Байаты Гаппойы, Нигеры, Плиты Грисы, Цæрукъаты Алыксандры æмæ иннæты сфæлдыстадон портреттæ. 2002-æм азы та рауагъта «Ирон литературæйы истори (19171956)». Ацы куыст автор ныффыста иронау æмæ стыр ахъаз у канд студенттæн нæ, фæлæ скъолаты ахуыргæнджытæн дæр.

Шамил ирон æвзагмæ раивта Шекспиры «Къарол Лир», Софоклы «Эдип-паддзах», Э. Ростаны «Сирано де Бержерак», У. Сарояны, Р. Лоуренсы, Ж. Шехадейы драмæтæ, Байроны, Бёрнсы, Лермонтовы æмæ бирæ æндæр авторты уацмыстæ.

2011-æм азы 26 майы Джыккайты Шамилы мард ссардтой Дзæуджыхъæуы хуссары, куыд фехъусын кодтой барадхъахъхъæнджытæ, уый амардис уæззау цæфтæй[2]. 31 майы Мурасты Давид, Шамилы марæг, фæмард спецоперацийы рæстæджы. Куыд рабæрæг, уый уыдис радикалон исламист, æмæ амардта Шамилы йе ’мдзæвгæ «Фæцæуынц бирæгъы цот хадзы»-йы тыххæй[3]. Ацы æмдзæвгæ поэт ныффыста 2009-æм азы, уый уыдис йæ дзуапп 2007 азы цауæн, сыхæг республикæйæ хадзмæ цæуæг пысылмæтты къорд Беслæны сывæлæтты цыртдзæвæнæй куы фæхынджылæг кодтой, уымæн[4].

2012-æм азы 29 майы ЦИПУ-йы байгом кодтой Джыккайты Шамилы номыл аудитори. Уым фыссæн фæйнæджы сæрмæ Къоста æмæ Абайты Васойы хуызистыты ’хсæн кадджын бынат бацахста Шамилы портрет дæр. Хатæнæн йæ иннæ кæрон къулыл ирон æмæ уырыссаг кълассикты хуызистыты бынмæ скъапыты æмæ стъолтыл Шамилы сфæлдыстад æнæхъæнæй: чингуытæ, уацтæ, зонадон куыстытæ. Къултыл — йе ’мдзæвгæтæй скъуыддзæгтæ[5].

Æддаг æрмæгивын

Фиппаинæгтæивын


🔥 Top keywords: Сæйраг фарсЧехиКатегори:Википеди:Викирардтæй йæ ратæдзæнтæ чи исы, ахæм уацтæИндонезиМодуль:ArgumentsÆххуыс:МидисСæрмагонд:ФæстагИвдтытæВикипеди:АфыстСæрмагонд:АгурынУæрæсейы Федерацийы социалон картæia8vpВикипеди:НыхасВикипеди:Ног хабæрттæУчастник:WikitanvirХæфсВикипедиБургундиВикипеди:БæрнВикипеди:МинæварадБали (провинци)Гуырдзиаг æвзагЦæгат ИрыстонАмерикæйы Иугонд ШтаттæМесси, ЛионельАвстралиКатегори:ÆппæтВикипеди:ИндексВикипеди:Хъазуатон куыстVk.comСискХетæгкаты КъостаЯвæйаг æвзагРагон МысырРубин (ФК)Википеди:Авторон барКатегори:Америкæйы Иугонд ШтаттæКатегори:Страницы с ошибками скриптовВикиКъæбицИрон æвзагТуркУæрæсеВикипеди:АдминтæГватемалæЧакобса2023-æм азБразилиСпрингфилд (Иллинойс)Участник:JamesofurТæтæйраг адæмGoogle ChromeХуызæг:Викимеди, ома æфсымæрон проекттæКепулауан-РиауЭуст-АгдерЗонадКитайКушадасыÆрвхуызПотиИюнь2001-æм азКатегори:Википеди:Хуыздæр статьятæХъуынджын дугъысыфМейнЕрхотИрыстонЛионы метрополиСевильяВикипеди:АгуырдАйдын (ил)ДзæлвВикипеди:ÆххуысХуссар Китайы денджызПысылмон дин1577-æм азДенджызInternet ExplorerКатегори:Манагуæйы чи амардис, уыдонЭнциклопеди1896-æм азМæздæгЦхинвалКатегори:СоциологиӨзбек тылАнглисаг æвзагХъелы цадСандино, Аугусто СесарФайл:Владимир Путин (24-08-2021) (cropped).jpg1272-æм азНовогрудокНайробиПьемонтТутаСириИврит1869-æм аз1499-æм азДыккаг дунеон хæстÆрыдон (сахар)Тамилаг æвзаг